Nothing Special   »   [go: up one dir, main page]

Перейти к содержанию

Тыджытæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тыджытæ (уырыс. Тигиевы[1][2], Тиджиевы[2]; гуырдз. თიგიშვილი[1][2]) сты ирон мыггаг.

Тыджытæ цардысты Уæлладжыры комы Дагомы. Сæ фыдæлы фыдæл Уæлладжыры коммæ Тæтæрæй æрбалыгъд. Уым фæцардысты, стæй фæтуджджын сты æмæ Хуссар Ирмæ алыгъдысты. Æрцардысты Чеселтгомы Майрæм æмæ Дыууæдонастæу. Тыджыты ’рвадæлтæ сты Цъæхилтæ æмæ Карсантæ.[3]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005
  2. 2,0 2,1 2,2 Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  3. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 152 ф.