Марр, Николай Яковы фырт
Николай Яковы фырт Марр | |
---|---|
гуырдз. ნიკოლოზ მარი | |
Райгуырды датæ | 25 декабры 1864 (6 январы 1865)[1][2] кæнæ 1865-æм азы 6 январы[1][3] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1934-æм азы 20 декабры[4][5][…] (69 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | скæсæнзонæн, истори, археологи, этнографи |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Зонадон разамонæг | Виктор Романович Розен[d] |
Ахуыргæнинæгтæ | Борис Борисович Пиотровский[d], Анатолий Генко, Иванэ Джавахишвили, Мещанинов, Иван Иванович[d], Иосиф Орбели[d], Акакий Шанидзе, Абайты Васо, Боровков, Александр Константинович[d], Гельгардт, Роман Робертович[d], Кацнельсон, Соломон Давидович[d], Федот Петрович Филин[d], Фрейденберг, Ольга Михайловна[d], Якобсон, Анатолий Леопольдович[d] æмæ Заурбек Мальсагов[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Викикъæбицы медиа |
Никола́й Я́ковы фырт Марр (гуырдз. ნიკოლოზ იაკობის ძე მარი; райгуырдис 1865-æм азы 6 январы Кутаисы — амардис 1934-æм азы 20 декабры Ленинграды) — зындгонд уæрæсейаг æмæ советон скæсæниртасæг æмæ кавказзонæг, филолог, историк, этнограф æмæ археолог, Империйы зонæдты академийы уæнг (1912-æм азæй), стæй Советон Цæдисы Зонæдты академийы академик æмæ вице-президент. Революцийы фæстæ тынг зындгонд сси, цы «æвзаджы тыххæй ног теори» (яфетаг теори) сарæзта, уый тыххæй. Марры ахуыргæнинæгтыл нымад цæуыны иранист Абайты Васо æмæ Эрмитажы директор Борис Пиотровский.
Скæсæнзонæн
[ивын | Бындур ивын]Николай Марр райгуырдис зæронд шотландаг Яков Марр (Jacob/James Murray) æмæ гуырдзиаг Агафья Магулариайы хæдзары[7], афтæмæй йæ мадæлон æвзаг уыд гуырдзиаг, фæстæдæр сахуыр кодта иннæ цалдæр æвзаджы. Каст фæци Кутаисы гимназ æмæ ацыдис Бетъырбухмæ, цыран цардис йæ амæлæты бонмæ.
Бетъырбухы университеты ахуыр кодта Скæсæны факультеты æппæт хæйæдты дæр уыцы-иу рæстæг, 1888-æм азы каст фæцис университет æмæ тагъд рæстæджы сси зындгонддæр уæрæсейаг скæсæнзонджытæй иу.
Марр стыр бавæрæн скодта Гуырдзыстон æмæ Сомихы историмæ, археологимæ, этнографимæ. Мыхуырмæ бацæттæ кодта бирæ рагон тексттæ æмæ фыстытæ, археологон къæхтытæ кодта Кавказы рагон сахартæ æмæ моладзандонты, уæлдæйдæр рагон Анийы сахары. Цы иртæстытæ кодта уыцы рæстæг, уый ныры онг ахсджиаг сты æмæ уыдоныл гуырысхо никуы ничи кодта. 1902-æм азы Иерусалимы Марр ссардта Георгий Мерчулийы чиныг «Григорий Хандзтелийы цардафыст»[8]. Марр бирæ куыста æрыгон ахуыргæндтимæ, бацæттæ кодта къорд сомихаг æмæ гуырдзиаг скæсæнзонджыты: уыдоны ’хсæн И. А. Джавахишвили, И. А. Орбели, А. А. Калантар, А. Г. Шанидзе.
Уæлдай цытджын Марры ном сси Сомихы, уымæн ис политикон аххосаг дæр — Марры хъуыдымæ гæсгæ Гуырдзыстон хæдбар хъуамæ ма уа, фæлæ Фæскавказы иумæйаг республикæйы сконды, афтæ Тбилисы университет дæр хъуамæ алы Кавказæн дæр уа зонæдты артдзæст. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Сомихы Марры «æвзаджы тыххæй ног ахуыр» нымады нæ уыд, уымæй фылдæр — Марры карздæр критикты ’хсæн уыдысты гуырдзиаг А. С. Чикобава æмæ сомихаг Г. А. Капанцян.
Бетъырбухы Скæсæны факультеты Марр сси профессор (1902) æмæ æвзæрст декан (1911).
Лингвистикон уацмыстæ
[ивын | Бындур ивын]1908-æм азы джыппæй рауагъта рагон сомихаг æвзаджы (грабары) грамматикæ[9], 1910-æм азы та — лазаг æвзаджы грамматикæ æд хрестомати, ацы чингуытæ специалистты зæрдæмæ фæцыдысты.
Йæ архайды райдианæй Марр цымыдис кодта æвзæгты ’хсæн цы бастдзинад ис, ууыл. Уый рæгъмæ рахаста картвелаг æмæ семитаг æвзæгты ’хсæн иудзинады тыххæй гипотезæ (1908). Уымæй райдыдта йæ «яфетаг теори» (библейаг Нойы фырт Иафеты номæй).
Йæ теориты рæдыдтытæм æндæр лингвисттæ куы амыдтой, уæд Марр-иу мæсты кодта æмæ фæстæдæр уый сфæнд кодта æппæт æвзагзонынады системæ баивын ног принциптыл. Ахуыргонды хъуыдымæ гæсгæ æвзаг иртасыны ахсджиагдæр у типологи æмæ социолингвистикæ.
1928-æм азæй Марр йæ яфетаг теори хæстæгдæр кæнын байдыдта марксизммæ. Традицион индоевропеистикæ схуыдта буржуазон зонад. Сси коммунистты партийы уæнг.
Бынтæ
[ивын | Бындур ивын]Марр куы амардис, йæ баныгæныны бон сахары нæ куыстой скъолатæ, мысæн мадзæлттæ уыдысты Кировы ныгæндимæ æмиас.
Марры амæлæтæй 15 азы фæстæ, 1950-æм азы, йæ ахуыр ныддарæн кодта Иосиф Сталин йæхæдæг йæ уац «Марксизмы тыххæй æвзагзонынады»[10], æмæ уымæй советон æвзагзонынад раздæхтис дунейы зонад цы фæндагыл цыдис, уымæн. Сталины ныхæстæм гæсгæ «Марры æцæгæй дæр фæндыдис марксист суын, фæлæ йæ къухы нæ бафтыд»[11][12][13].
1956-æм азы фæстæ Марры иннæ æнтыстытæ базыдтой. Йæ кавказзонæн уацмыстæ ма ахсджиаг сты, стæй цы иртæстытæ сразæнгард кодта (уæлдайдæр Кавказы æвзæгты тыххæй), уый дæр зонадæн фæпайда уыдис.
Мысæн
[ивын | Бындур ивын]Бетъырбухы, Марр цы хæдзары цардис, уый къулыл 1949-æм азы сæвæрдтой номарæн фæйнæг: «Ам цардис академик Николай Яковы фырт Марр, зындгонд археолог æмæ кавказзонæг» (архитектор Р. И. Каплан-Ингель)[14].
Марры ном хæссынц уынгтæ Тбилисы (Нико Мари), Сухумы æмæ Ереваны.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Литераторы Санкт-Петербурга. ХХ век (уырыс.) / под ред. О. В. Богданова
- ↑ Исаев Ю. Н. Чувашская энциклопедия (уырыс.) — Чувашское книжное издательство, 2006. — 2567 с. — ISBN 978-5-7670-1471-2
- ↑ Сотрудники Российской национальной библиотеки (уырыс.)
- ↑ 4,0 4,1 4,2 Марр Николай Яковлевич // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ Nikolay Yakovlevich Marr // Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ https://nlr.ru/nlr_history/persons/info.php?id=109
- ↑ Алпатов В. М. История одного мифа. М. 1991/2004, с. 6.
- ↑ Большая советская энциклопедия. 2-е изд. / Гл. ред. Б. А. Введенский. Т. 10. Газель — Германий. 1952. 620 стр., илл.; 43 л. илл. и карт.
- ↑ Марр Н. Я. Грамматика чанского (лазского) языка Архивгонд æрцыдис 15 октябры 2010 азы.. СПб., 1910
- ↑ Ацы статья иронау рухс федта уыцы-иу аз журнал «Фидиуæджы» (гуырдзиаг дамгъæтæй).
- ↑ Алпатов В. М. Филологи и революция // Новое литературное обозрение. — 2002. — № 53. Архивировано 8 августы 2018 года.
- ↑ Сталин И. В. Относительно марксизма в языкознании // Правда. — 1950. — 20 июны.
- ↑ Сталин И. В. Относительно марксизма в языкознании // Сочинения. — М.: Издательство “Писатель”, 1997. — Т. 16. — С. 123.
- ↑ Энциклопедия Санкт-Петербурга, мемориальная доска Н. Я. Марру.(недоступная ссылка). Датæ: 2020-æм азы 12 октябры. Архив 2018-æм азы 8 октябры.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Быковский С. Н. Н. Я. Марр и его теория. К 45-летию научной деятельности. М.-Л., 1933.
- Гитлиц М. М. Основные вопросы языка в освещении Н. Я. Марра. Дополнение к Вопроснику по нормативной грамматике русского языка // Русский язык в школе. 1939, № 3, май-июнь, с. 1—10; № 4, июль-август, с. 27—33.
- Сердюченко Г. П. Академик Н. Я. Марр — основатель советского материалистического языкознания. М. 1950.
- Цукерман И. И. Крупнейший советский востоковед Н. Я. Марр: к 85-летию со дня рождения / АН СССР. Научно-популярная серия. М.-Л., 1950. 54 с.
- Thomas Lawrence L. The linguistic theories of N. Ja. Marr. University of California Press, Berkeley, California [u.a.], 1957;
- Абаев В. И. Н. Я. Марр // Вопросы языкознания. 1960. № 1;
- Орбели Р. Р. Памяти Н. Я. Марра (к столетию со дня рождения) // Палестинский сборник. Вып. 13 (76). Памятники письменности и литературы Ближнего Востока. М. — Л., 1965. С. 189—196.
- L’Hermitte R. Marr, marrisme, marristes: Science et perversion idéologique; une page de l’histoire de la linguistique soviétique. Institut d’Etudes Slaves, Paris, 1987, ISBN 2-7204-0227-3
- Алпатов В. М. История одного мифа: Марр и марризм. М., 1991 (там же библиография), 2-е дополн. изд., М., 2004, ISBN 5-354-00405-5
- Алпатов В. М. Марр, марризм и сталинизм // Философские исследования, 1993, № 4, с. 271—288.
- Васильков Я. В. Трагедия академика Марра // Христианский Восток. Т. 2 (VIII), Новая серия / Гл. ред. М. Б. Пиотровский. СПБ.; М.: Изд-во РАН: Гос. Эрмитаж: Алетейя, 2001. С. 390—421.
- Голубева О. Д. Н. Я. Марр. СПб.: Российская национальная библиотека, 2002. — 280 с. — (Деятели Российской национальной библиотеки). — 500 экз. — ISBN 5-8192-0134-5.
- Шилков Ю. М. Философия языка Н. Я. Марра // Вече. Альманах русской философии и культуры. Выпуск 16. СПб., 2004. С. 72—82.
- Velmezova E.. Les lois du sens. La sémantique marriste. Genève, 2007.
- Петренко Д. И., Штайн К. Э. Лингвистическая палеонтология культуры: Языкознание. Кавказоведение Архивгонд æрцыдис 24 апрелы 2017 азы.. — Ростов-на-Дону: Полиграф-Сервис, 2017. — 462 с. ISBN 978-5-9906581-6-5
- Caucasica: Кавказоведение. Страницы прошлого. По материалам архива и библиотеки Северо-Кавказского горского историко-лингвистического научно-исследовательского института имен и С. М. Кирова (1926—1937): Антология Архивгонд æрцыдис 6 декабры 2017 азы. / Составители, авторы биографических справок К. Э. Штайн, Д. И. Петренко. — Ростов- на- Дону: «Полиграф-Сервис», 2017. — 1148 с. (работы Н. Я. Марра «Племенной состав населения Кавказа» (1920), «К вопросу об историческом процессе в освещении яфетической теории» (1930) см. на с. 512—572).
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Профиль Николая Яковлевича Марра на официальном сайте РАН
- Марр, Николай Яковлевич // Энциклопедия «Кругосвет».
- Статья на сайте РНБ
- Статья на сайте «Биографика СПбГУ»
- Статья на сайте ИВР РАН
- Историческая справка на сайте Архива РАН
- Избранные работы в 5 томах, Djvu-версия
- Гасанов М. Р. Учёный с мировым именем (к 150-летию со дня рождения Н. Я. Марра)
- Сидорчук И. В. Н. Я. Марр и государственная культурная политика 1917—1934 гг. Михаиле
- Фрейденберг О. М. Воспоминания о Н. Я. Марре
- 6 январы чи райгуырдис, уыдон
- 1865-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Кутаисы чи райгуырдис, уыдон
- 20 декабры чи амардис, уыдон
- 1934-æм азы чи амардис, уыдон
- Бетъырбухы чи амардис, уыдон
- Ленины ордены кавалертæ
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Ахуыргæндтæ алфавитмæ гæсгæ
- Историктæ алфавитмæ гæсгæ
- Гуырдзыстоны историктæ
- Советон Цæдисы историктæ
- XX æнусы историктæ
- Полиглоттæ
- СЦКП-йы уæнгтæ
- Гуырдзыстоны лингвисттæ
- Картвелологтæ
- Арменисттæ
- Кавказзонджытæ