Медресе
Внешний вид
Медресе (арабб. مدرسة — дзырдæй-дзырдмæ «ахуыргæнæндон») у скъолайы ном пысылмон бæстæты.
Медресеты ахуыр кæнынц араббаг æвзаг, Хъуыран æмæ йæ æмбарынгæнæнтæ, хадистæ, калам (динон ныхас), шариат, дины истори, стæй иуæй-иу æндæр иумæйаг ахуырады предметтæ.
Октябры революцийы агъоммæ Уæрæсейы дæр куыстой медресетæ, цæрджытæй сæ фылдæр пысылмон диныл хаст кæм уыдысты, уыцы регионты.