Енисей
Енисей | |
---|---|
уырыс. Енисей | |
Характеристикæ | |
Дæргъ | 3487 км |
Бассейны фæзуат | 2 580 000 км² |
Доны хардз | 19800 м³/с |
Цæугæдоны цыд | |
Гуырæн | Стыр Енисей æмæ Чысыл Енисейы баиу |
· Гуырæны бынат | Кызыл |
Донæфтæн | Карæйы денджыз |
Ран | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Регион | Тыва, Красноярсчы край, Хакаси |
Енисе́й (эвенк. Ионесси «стыр дон», хак. Ким, тув. Улуг-Хем, нен. Енся’ ям’) у Сыбыры цæугæдон, дунейы стырдæр дæттæй сæ иу. Бахауы Цæгат Ихджын фурды Карæйы денджызмæ. Йæ дæргъ у — 3487 км.
Ном
[ивын | Бындур ивын]Йæ ныры ном ыл бафидар ис эвенкаг ныхас «Ионесси» — стыр дон, зæгъгæ. Сыбырæгтæ ма йæ Енисей-Дада дæр фæхонынц.
Географи
[ивын | Бындур ивын]Дунейы стырдæр дæттæй иу: Стыр æмæ Чысыл Енисейтæ кæм баиу вæййынц, урдыгæй у — 3487 км, Чысыл Енисейы гуырæнæй — 4287 км, Стыр Енисейы гуырæнæй та — 4123 км. Донвæндаджы дæргъ: Идэр — Селенга — цад Байкал — Ангара — Енисей у 5075 км. Сæ бассейнты фæзуæттæ абаргæйæ (2580 мин км²), Енисей ахсы 2-аг бынат Уæрæсейы цæуæгæдæтты ’хсæн (Обы фæстæ) æмæ 7-æм бынат дунейы дæтты ’хсæн. Енисейы бассейнæн характерон у цæхгæр ассиметриад: йæ рахизбыл у 5,6 хатт бæрзонддæр йæ галиубыл фарсæй.
Енисей у æрдзон арæн Скæсæн æмæ Ныгуылæн Сыбыртæн. Галиубыл Енисейæн кæрон ссары Ныгуылæн-Сыбырон тыгъдад, рахизбыл та у хæххон тъайгайы дæлбар. Саянтæй Цæгатихон фурдмæ, Енисей ацæуы Сыбыры алы климæтон зонæты. Йæ донгуырæны цæрынц теуатæ, йæ донæфтæны та урсæрсытæ.